ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Чермен рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты Братиславайы (Словаки).
Уалыты Чермен ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Албанийы спортивон кад. Финалы уый рамбылдта ӕндӕр ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Сидахъты Зауырбеджы – уый та архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды.
Дыууӕ ирон богалы тохы сыгъзӕрин майданыл никӕй фӕндыд фӕстӕмӕ алӕууын. Фӕлӕ тохы ӕхсӕз минуты фӕстӕ тӕрхонгӕнӕджы уӕддӕр бахъуыд схӕцын спортсментӕй иуы къухыл – Уалыты Чермен рамбылдта 4:2 хыгъдӕй. Сидахъты Зауырбег та райста турниры ӕвзист майдан.
Уымӕй дарддӕр ноджы дыууӕ ирон спортсмены рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ. Найфонты Артур ӕртыккаг бынатыл тохы рамбылдта Евгений Михалчаны Молдовайӕ 10:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймураз та 74 килограммы уӕзы категорийы бронзӕйон майданыл тохы фӕуӕлахиз Мурад Курамагомедовыл 3:0 хыгъдӕй. Салхъазанты Таймуразӕн уый уыд фӕндзӕм майдан фӕд-фӕдыл Европӕйы чемпионатты – уый размӕ цыппар хатты рамбылдта сыгъзӕрин майдантӕ.