ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты делегаци хайад райсдзӕн Республикӕ Дагестаны Адӕмон Ӕмбырды 30 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, фехъусын кодта закъондӕттӕг органы пресс-службӕ.
Мадзӕлттӕ цӕудзысты 17-ӕй 19-ӕм апрелмӕ Махачкалайы.
"Делегацийы сӕргъ лӕууы РХИ парламенты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тадтаты Таймураз. Делегацийы сконды сты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Дриаты Заза ӕмӕ хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Гӕджиты Сослан", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Балцы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ фӕнд кӕнынц фембӕлын Дагестаны Адӕмон Ӕмбырды сӕргълӕууӕг Зауыр Аскендеровимӕ.