Путин бафыста барамынд РХИ ӕмбӕстӕгтӕн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы дӕттыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад кӕнӕ УФ цӕрыны бары фӕдыл документ кӕмӕ ис, уыдонӕн фадат ис райсын уӕрӕсейаг шофырты бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕнцондӕр режимы, дзырдӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамынды.
Документ мыхуыр ӕрцыд барадон актты официалон порталы.
Ацы категоримӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ хауы, уыдон сӕрибар уыдзысты фӕлварӕнтӕ дӕттынӕй ӕмӕ медицинон басгӕрст рацӕуынӕй. Афтӕ ма уӕрӕсейаг бардӕттӕг гӕххӕттытӕ райсын гӕнӕн уыдзӕн Хуссар Ирыстоны территорийы дӕр.
Уымӕй дарддӕр Владимир Путин бахӕс кодта Уӕрӕсейы хицауадӕн, цӕмӕй ссӕрибар кӕной РХИ ӕмбӕстӕгты бардӕттӕг гӕххӕттыты фӕдыл паддзахадон фиддонӕй ӕмӕ бахӕссой ивындзинӕдтӕ УФ закъондӕттынадмӕ, цӕмӕй 2026 азы 1 апрелы онг Уӕрӕсейы территорийыл бар уа скъӕрын транспортон фӕрӕзтӕ хуссарирыстойнаг бардӕттӕг гӕххӕттытимӕ.