Теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы финалы цыппæрæм хаймæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон теннисист Хъæцмæзты Алыбег ахызт "Челленджер"-ы турниры финалы цыппæрæм хаймæ. Ерыс цæуы Кванджуйы, Хуссар Корейы.
Уый размæ къæпхæнтыл Алыбег фæуæлахиз францаг Теренс Атман æмæ япойнаг Рио Ногучийыл. Францы спортсменимæ хъазты фыццаг сет рамбылдта 7:6 хыгъдæй. Уый фæстæ йæ ныхмæлæууæг турнирæй йæхи сисын кодта. Япойнаг теннисистимæ хъазты фыццаг сет фæцис 7:6 хыгъдæй, дыккаг та – 6:4 хыгъдæй. Дыууæ дæр – не мзæххоны пайдайæн.
Финалы цыппæрæм хайы Алыбег фембæлдзæн, fвстралиаг Омар Ясик æмæ францаг Антуан Эскоффьейæ тыхджындæр чи разына, уыимæ. Хъазт ацæудзæн майрæмбоны райсомæй.