ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер æмæ Абхазы парламенты сæргълæууæг Лаша Ашуба æрдзырдтой æхсæнпарламентон æмгуыстад сфидар кæныныл Ӕхсӕнадӕмон патриотикон форум "Великое наследие – общее будущее"-йы фӕзуатыл Волгограды, хъусын кӕны РХИ парламенты пресс-службӕ.
"Уӕлдай хъусдард здӕхт уыд дыууӕ бӕстӕйы парламентты ӕхсӕн ӕмархайдмӕ. Мӕргъиты Алан бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у ӕхсӕнпарламентон диалог ӕмӕ хъӕуы агурын ӕмгуыстады ног формӕтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Лаша Ашуба бузныг загъта Хуссар Ирыстоны парламентӕн Абхазы президентон ӕвзӕрстыты ӕхсӕнадӕмон мониторингы хайад кӕй райстой, уый тыххӕй. Афтӕ ма Абхазы парламенты спикер раарфӕ кодта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хуссарирыстойнаг ветерантӕн.
Мæргъиты Алан æмæ Лаша Ашуба æрдзырдтой æхсæнпарламентон æмгуыстад сфидар кæныныл
© Photo : Пресс-служба парламента РСО-А