Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок дзюдойæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон дзюдоист Коцойты Аслан рамбылдта Европæйы Кубок 20 азы кары онг спортсменты æхсæн Стамбулы (Турк).
Коцойты Аслан архайдта 90 килогрммы уæзы категорийы Азербайджаны командæйы сконды. Турниры дæргъы Аслан ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты, фыццаг Булханхуу Хасбаатары, стæй та Гуырдзыстоны æртæ минæвары фæд-фæдыл – Георгий Гелашвили, Лука Джавахашвили æмæ Давид Папукишвилийы.
Финалон тохы та ирон спортсмен æрдæг минутмæ рамбылдта Глеб Азаровы Кахастанæй.
Коцойты Асланыл цæуы 18 азы, уый у Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дуне æмæ Европæйы чемпион Коцойты Зелимы кæстæр æфсымæр.