Хуссар Иры иртасынц Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Дзауы районы цӕрджыты хайбавӕрд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизмӕ. Зонад-иртасӕн институты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн семинары хистӕр зонадон кусӕг, историон зонӕдты кандидат Джиоты Мурӕт бавдыста йӕ иртасты фӕстиуджытӕ.
Джиоты Мурӕт йӕ разы ӕрывӕрдта хӕс баххӕст ӕмӕ сног кӕнын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты номхыгъдтӕ, цӕмӕй сӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй зонындзинӕдтӕ бахӕццӕ уой фидӕны фӕлтӕртӕм дӕр. Джиоты Мурӕт бакодта бӕстон куыст – фарста цӕрджыты, ахуыр кодта архивон документтӕ ӕмӕ-иу сӕндидзын кодта алкӕцы хӕстоны ӕфсӕддон фӕндаг.
"Рӕстӕг цӕуы. Хъайтарты нӕмттӕ ферох вӕййынц, уыцы бонты удӕгас ӕвдисӕнтӕ чи уыдысты, уыцы кары адӕм дӕр цъусӕй цъусдӕр кӕнынц. Абон ӕз мӕ коллегӕтӕн бавдыстон мӕ куысты фӕстиуджытӕ. Фӕнд кӕнын баххӕст кӕнын иртаст ӕмӕ йӕ ныммыхуыр кӕнын, цӕмӕй хъайтарты нӕмттӕ баззайой историйы", - радзырдта ахуыргонд.
Иртасты сты бӕрӕггӕнӕнтӕ Дзауы районы доны галиуфарсы 171 цӕрӕгыл. Хъыгагӕн, уыцы адӕмӕй 90 нал ӕрыздӕхтысты фронтӕй.
Джиоты Мурӕт ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ куы ныммыхуыр кӕна, уӕд фӕнд кӕны адарддӕр кӕнын куыст Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты темӕйыл. Ӕввахс рӕстӕджы ныффысдзӕн биографион чиныг йе ‘мхъӕуккагыл, уый ном радтой партизанон къордӕн Белоруссийы.