ЦХИНВАЛ, 27 май – Sputnik. Уӕрӕсейы хицауады сӕргълӕууӕг Михаил Мишустин бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны стенд Кавказы инвестицион форумы, фембӕлдысты йыл республикӕйы президент Гаглойты Алан ӕмӕ премьер Джуссойты Константин, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент бузныг загъта уӕрӕсейаг премьер-министрӕн иудадзыг ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ радзырдта реализацигонд проекттыл.
"Инвестицион равдысты 2023 азы мах бахастам хъӕппӕрис – радзырдтам, республикӕ кӕй фӕнд кӕны бакӕнын дургуысты куыстуат. Ацы аз форумы мах бавдыстам цӕттӕ продукци, уый экспорт цӕуы Уӕрӕсейы Федерацимӕ", - загъта Гаглойты Алан.
Уымӕй дарддӕр президент фехъусын кодта Михаил Мишустинӕн, ацы аз сентябры республикӕйы кӕй ацӕудзӕн фыццаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум.
Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг форумы фӕзуаты фембӕлд уӕрӕсейаг коллегтӕтимӕ, сӕ нымӕцы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Мурашко ӕмӕ экономикон райрӕзты министр Максим Решетников.