Уӕрӕсейаг специалисттӕ ауадздзысты РХИ Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы минӕвӕрттӕ ауадздзысты Хуссар Иры Нацбанчы IT-инфраструктурӕйы аудит.
"Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты ацыд фембӕлд уӕрӕсейаг компаниты къорд Т1-ы генералон директоримӕ. Ацы структурӕ архайы цифрон къабазы, уадзы информацион системӕты аудит", - загъта Националон банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.
Хуссар Ир æмæ Адыгей бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы баныхас кодтой ӕмархайды дарддӕры къахдзӕфтыл.
"Нӕ коллегӕтӕ ӕввахс рӕстӕджы ӕрцӕудзысты Хуссар ирыстонмӕ, цӕмӕй ауадзой Нацбанчы инфраструктурӕйы IT-инфраструктурӕйы аудит. Ӕмӕ бынаты скъуыддзаг ӕрцуӕдзӕн, цы продукттӕй хъӕуы баххӕст кӕнын нӕ банк", - банысан кодта Бекъойты Сослан.
Афтӕ ма компанийы минӕвӕртты фӕхуыдтой Хуссар Ирыстоны фыццаг экономикон форуммӕ сентябры.