РХИ банкъардтой сӕвӕрын цырт Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийӕн музей саразыны бӕсты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Советон Цӕдисы Хъайтар Цоциты Василийы райгуырӕн хъӕу – Ортъеуы – банкъардтой сӕвӕрын йӕ цырт. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал.
Районы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый размӕ Уӕрӕсейы президентон грантты Фонд ӕмӕ хӕрзаудӕн фонд "Память поколений"-ы ӕххуысӕй фӕнд кодтой саразын музей хъайтары хӕдзары.
Бӕззаты Инал бахахх кодта, специалистты басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Цоциты Василийы хӕдзар нал ис гӕнӕн сцалцӕг кӕнын.

"Мах банкъардтам фӕрӕзтӕ аздахын Советон Цӕдисы Хъайтары цырт сӕврынмӕ йӕ райгуырӕн хъӕуы. Кӕд нын нӕ хъуыды хорзыл банымайой, уӕд проект реализаци скӕндзыстӕм. Кӕннод мах фӕстӕмӕ ратдзыстӕм финансон фӕрӕзтӕ фондӕн", - загъта районы сӕргълӕууӕг.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цыртыты цалцӕг цӕуы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд программӕйы руаджы.
Цоциты Василий