ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цытджын уавӕры бакодтой сабидон "Бӕлон". Церемонийы хайад райстой республикӕйы президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, ахуырады министр Лолаты Аслан ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
Гаглойты Алан банысан кодта, сабидоны баконд кӕй у ахсджиаг цау ӕрмӕст микрорайоны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт республикӕйӕн.
"Абон стыр бӕрӕгбон у нӕ кӕстӕртӕн. Районӕн сарӕзтой диссаджы объект. Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгадӕн, уыдон ӕххуысы руаджы арӕзт ӕрцыд ацы сабидон. Мах хъуыды кӕнӕм, иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджы Уӕрӕсе кӕй уыд нӕ фарсмӕ, ӕмӕ ныр та ирон хӕстонтӕ намысджынӕй хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы интерестӕ", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов йӕ раныхасы бузныг загъта аразджытӕн ӕмӕ бахахх кодта, ацы сабидон хъӕй схъомыл кӕндзӕн бирӕ фӕлтӕртӕ.
Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Лолаты Жанна фехъусын кодта, сабидон йӕ куыст кӕй райдайдзӕн 1 ноябры.
Открытие детского сда в ЦАРЗе
© Sputnik / Фатима Плиева