ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл къамисы рабадт ацӕудзӕн ноябры Черкесскы, фехъусын кодтой РХИ парламенты. Фембӕлды боны фӕткы ис 11 фарсты, сӕ нымӕцы УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырды реализаци, социалон къабазы фарстытӕ ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы Хуссар Ирыстонӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон агуырдӕн ӕххуыс.
Хуссар Ирыстоны парламенты делегацийы сӕргъ лӕудзӕн къамисы ӕмсӕрдар хуссарирыстойнаг фарсӕй Дриаты Заза. Делегацийы сконды уыдзысты хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Гӕджиты Сослан, экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕуууон хӕдзарады комитеты сӕргълӕууӕг Къуезерты Арсен, социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады комитеты сӕрдар Плиты Александр ӕмӕ бюджет ӕмӕ хъалонты комитеты сӕргълӕууӕг Томайты Спартак.