Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы парламентаритæ æрдзырдтой æмархайды нывæстыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik. Хъæрæсе-Черкессийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æмгуыстады фæдыл къамисы рабадт. РХИ парламенты делегацийы сæргъл слæууыд Дриаты Заза.
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды сты æддагон политикæ, хъахъхъæнынад, экономикæ, социалон политикæ æмæ бюджеты фæдыл комитетты сæргълæуджытæ. Федерацийы Советы делегацийы сæргъ лæууы къамисы æмсæрдар Виктор Бондарев; куысты ма хайад райстой профилон комитеттæ æмæ ФХМ минæвæрттæ.
Рабадты рæстæджы дзырд цыд æхсæнпарламентон ахастыты райрæзтыл. Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ æмсæрдартæ банысан кодтой, 11 пунктæй æртæ кæй сæхгæдтой, аннæты фæдыл хъæуы дарддæры куыст. Бондарев бузныг загъта РХИ парламентаритæн æмæ банысан кодта æххуыс уæрæсейаг хицауады рдыгæй.
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы парламентаритæ æрдзырдтой æмархайды нывæстыл