ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады майрæмбоны ацыд республикæйы Гарзджын тыхтæн уæрæсейаг техникæ æмæ хæцæнгарз раттыны церемони.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов æмæ республикæйы тыхон структурæты разамонджытæ.
"Техникæйы цыппор иуæгæй фылдæр æмæ нырыккон хæцæнгарзы æрбаласт фæфылдæр кæндзæн националон æфсады потенциал. Гарзджын тыхты сфидар кæныны фæдыл куыст та, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр цæудзæн. Уый дзуапп дæтты нæ республикæйы стратегион интерестæн", - фехъусын кодта президент.
Гаглойты Алан ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ хъахъхъæнынады министр Андрей Белоусовæн пайдаджын æмгуыстад æмæ иудадзыг æххуысы тыххæй.
Афтæ ма президент бахахх кодта, дарддæр куыст кæй цæуы æфсæддонты мызд фæфылдæр кæныныл.