Парламент сфидар кодта Тадтаты Дзамболаты кандидатурӕ Хуссар Иры премьер-министры бынатмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik, Козаты Диана. Парламент сусӕг хъӕлӕскӕнынады руаджы сфидар кодта Тадтаты Дзамболаты кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары бынатмӕ.
Тадтаты Дзамболат парламенты сессийы рӕстӕджы бавдыста депутаттӕн йӕ архайды сӕйраг здӕхтыты тыххӕй программӕ ӕмӕ сдзуапп кодта фарстытыл экономикӕ, ӕвзаджы политикӕ, фӕсивӕд ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл.
Парламенты рабадтыл уыдысты 26 депутаты, уыдонӕй 25 схъӕлӕс кодтой президентӕй бавдисгӕ кандидатурӕйыл.
Хъӕлӕсӕкнынады процедурӕйы размӕ "Иугонд Ирыстон" фракцийы авд депутаты ацыдысты залӕй.