Президент дзырд радта депутаттӕн, тагъд рӕстӕджы кӕй сфидар кӕндзысты РХИ хицауады сконд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан дзырд радта депутаттӕн, Хуссар Ирыстоны ног хицауады сконд кӕй сфидар кӕндзысты дыууӕ къуырийы дӕргъы.
Парламенты цӕуы уынаффӕйы ӕмбырд Тадтаты Дзамболаты кандидатурӕйы фӕдыл республикӕйы премьер-министры бынатмӕ.
Депутат Табуты Роберт банысан кодта, ӕнӕ командӕйӕ министрты кабинет эффективон куыст кӕй нӕ кӕндзӕн ӕмӕ уый фӕдыл бюафарста, цы ивындзинӕдтӕ уыдзӕн ног сконды.
"Нӕ йӕ ӕмбӕхсын, кӕцыдӕр министртӕ кӕронмӕ кӕй нӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ. Уый фӕдыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдзӕн ивындзинӕдтӕ", - загъта Гаглойты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы процесс бирӕ нӕ ахӕсдзӕн, ног хицауад сфидар кӕндзысты ӕввахс дыууӕ къуырийы дӕргъы.