Цхинвалы æрдзырдтой Женевæйаг дискусситы радон раундмæ цæттæкæнынадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цхинвалы дыццæджы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдарты фембæлд.
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, Женевæйаг дискусситæ ахсджиаг кæй сты Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырадæн.

"Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй уый у хорз фадат æрдзурын æрмæст боны фæткыл нæ, фæлæ ма æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр. Уыдоны æхсæн ис иуыл ахсджиаг дæр фарстытæй иу – предметон ныхас тыхæй ма пайда кæныны фæдыл документыл. Хорз уаид, ацы этапыл куы ссариккам скъуыддзаг проекты пункттыл", - загъта Коцты Константин.

Евроцæдисæй æмсæрдар Магдалена Гроно йæхирдыгæй бахахх коддта, зæгъгæ, стыр хъусдард здæхт цæуы, цæмæй ацы баныхас уа предметон æмæ скъуыддзаг цæуой бынаты уавæры фарстытæ дæр.
ОБСЕ-йæ æмсæрдар Кристоф Шпети банысан кодта, Швейцари хорзыл кæй нымайы Женевæйаг дискусситы формат, куыд бирæварсыг дипломатийы ахсджиаг модель.