Цхинвалы ӕрцахстой цӕстфӕлдахӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой 45-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы горӕты цӕрӕджы ныхмӕ фӕлывдми саразынмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
МХМ радгӕсон хайадмӕ бадзырдта Цхинвалы 71-аздзыд нӕлгоймаг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕ йӕ мобилон телефонмӕ фӕдзырдта ӕбӕрӕг гоймаг, йӕхи схуыдта йӕ мыггагӕй ӕмӕ дзы ракуырдта хӕс 20 мин сомы бӕрц. Фыдгӕнӕг бауырнын кодта пенсионеры, цӕмӕй ӕндӕр гоймаджы уылты радта ӕхцайы фӕрӕзтӕ.
"Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад уголовон фӕдагуырды кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой, зӕрдӕхсайгӕ кӕй у столицӕйы 45-аздзыд цӕрӕг", - банысан кодтой уагдоны.
МХМ фӕдагуырды фӕткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг "фӕлывдми" статьямӕ гӕсгӕ.