Цхинвалы æрдзырдтой Уæрæсеимæ æхсæнпарламентон диалогыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар Мæргъиты Алан æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег æрдзырдтой æхсæнпарламентон æмгуыстад сфидар кæнын æмæ республикæйы актуалон фарстытыл. Фембæлды ма хайад райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты депутаттæ.
Мæргъиты Алан банысан кодта парламентты æхсæн æмгуыстады фæдыл фыццаг къамисы конструктивон куыст. Афтæ ма парламенты спикер бузныг загъта Уæрæсейæн алыварсон æххуысы тыххæй.
Мæргъиты Алан
Тайсауты Хъазбег бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны парламенты ныры скондимæ кæй ис бæрзонд æмвæзадыл æмархайд.
"Хуссар Ирыстоны парламенты ныры скондимæ нын куыд бæрзонд æмвæзадыл æмгуыстад ис, афтæ нын никуы уыд уый размæ. Ахæм къамистæ дæр нæ уыд, цæмæй эффективонæй скъуыддзаг кæной фарстыты уæрæх спектр", - загъта депутат.
Тайсауты Хъазбег ма æрдзырдта уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы реконструкцийыл æмæ банысан кодта, фарст кæй скъуыддзаг кæнынц уæлдæр æмвæзадыл Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы активон хайадистæй.
Тайсауты Хъазбег