Гаглойты Алан: Ереды трагеди равдыста, ирæттæн кæй нæй сомбон Гуырдзыстонимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Ереды трагеди равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ раныхасы республикæйы историйы иуыл трагикон датæтæй иуы 35-æм афæдзы боны фæдыл.
"Абон мах æмбарæм, Ереды трагеди бæлвырдæй кæй равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды. Хæдбардзинады фæдыл референдум æмæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерациимæ интеграци уыдысты нæ адæмы æвзæрст сæ хæдбардзинадмæ фæндагыл", - банысан кодта президент.
Уыцы азты трагикон цаутæн политикон аргъ не скодтой Гуырдзыстоны, бахахх кодта президент.
"Гуырдзыстон кæй нæ разы кæны тыхæй ма пайда кæныны бадзырд бафысын æмæ кæй æххæст кæны кампани уæрæсейаг фидауынгæнæг операци дискредитаци скæныны фæдыл, уымæй уыдон фæнд кæнынц фæивын истори æмæ сæхи аиуварс кæнын бæрндзинадæй сæ æфсæддон агресси æмæ фыдракæндтæй", - фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæг.
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.