Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Ереды трагедийы амӕттӕгты ӕфсымӕрон ингӕны раз фыдохы митингмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, парламенты спикер Мӕргъиты Алан, уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, амӕттӕгты хиуӕттӕ.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ раныхасы банысан кодта, абон кӕй ӕрывӕрдтой бындур Ереды трагедийы амӕттӕгты монументӕн, уый сӕвӕрдзысты Цхинвал-Дменис трассӕйыл.
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ