ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæдыл хæстæ кæмæн ис, уыдонæн Уæрæсемæ æрбацæуыныл тобæ æвзæрын кæны критикон цæлхдуртæ æвæстиат медицинон æмæ гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр.
Æмбæлон куырдиат уагдоны сæргълæууæг фехъусын кодта Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы.
"Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæйы скъуыддзаг æрбацæуыныл тобæ сæвæрыны фæдыл аразы егъау цæлхдуртæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци у иунæг бæстæ, цы ранмæ сæ бон у цæуын æвæстиат медицинон æмæ гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн", - бахахх кодта Цоциты Александр.
Баныхасы рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс банхъардта, цæмæй арæнæвæрдон мадзæлттæ ма парахат кæной РХИ æмбæстæгтыл, кæцытæ фехæлдтой автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæтктæ.
Фембæлды хайадисджытæ хицæнæй æркастысты сæрмагонд æфсæддон операцийы хайдисджытæ транспортон фæрæзты рæстæгмæ æрбаласты æмгъуыд куы фехалынц, уыцы фарстмæ. Уæрæсейаг фарс фехъусын кодта, СÆО-йы хæстонты фæдыл хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.