ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕнын бастдзинӕдтӕ Абхазимӕ, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы, загъта республикӕйы президент Гаглойты Алан Абхазы сӕргълӕууӕг Бадра Гунбаимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Гаглойты Алан хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргъ ӕрцыд цыппӕрӕмы Сухуммӕ, цӕмӕй хайад райса ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы "Абхазия — инвестиции будущего".
Бадра Гунба сӕмбӕлд Гаглойты Алан ӕмӕ делегацийы уӕнгтыл ӕмӕ банысан кодта се ‘рцыды ахсджиагдзинад. Абхазы разамонӕг бахахх кодта, ӕхсӕнадӕмон экономикон форум кӕй у ахсджиаг фӕзуат ӕмгуыстады перспективӕтыл ӕрныхас кӕнынӕн.
РХИ президент бузныг загъта абхазаг фарсӕн хъарм райсты тыххӕй.
"Гаглойты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕныны ӕмгуыстад, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы. Афтӕ ма президент фехъусын кодта, форумы фӕлгӕтты кӕй райсдзысты ног практикон мадзӕлттӕ хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕнынӕн" - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Фарсытӕ ма ӕрдзырдтой дывӕрсыг ӕмархайдыл, ӕхсӕнпаддзахадон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл, афтӕ ма экономикон ӕмгуыстад рауӕрӕх кӕныны перспективӕтыл.