Театр "Саби" бавдисдзӕн спектакль "Шинель" Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕвзонг кӕсӕджы театр "Саби" бавдисдзӕн спектакль "Шинель" Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценӕйыл Цхинвалы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службӕ.
Спектакль ацӕудзӕн 10 апрелы 18.30 сахатыл.
Спектакль "Шинель" арӕзт у Николай Гоголы уацмысмӕ гӕсгӕ ӕмӕ дзы дзырд цӕуы "чысыл адӕймаг" Акакий Башмачкины трагикон хъысмӕтыл.
Спектакль ӕвӕрд ӕрцыд "Единая Россия"-йы Федералон партион проект "Райгуырӕн бӕстӕйы культурӕ"-йы финансон ӕххуысы руаджы.