ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лингвокультурологон центры цур байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ.
"Нӕ сӕйраг хӕс у ирон ӕвзаг ӕмӕ культурӕйы райрӕзтыл архайын" - загъта университеты ректор Тедеты Вадим.
Курсыты хайадисджыты адих кӕндзысты дыууӕ къордыл: фыццаджы уыдзысты ирон ӕвзагыл чи нӕ дзуры, ахӕм адӕм ӕмӕ дыккаг къорды та сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон.
ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ
Курсытӕ бакӕныныл бацархайдтой ХИПУ-йы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кафедрӕйы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ профессортӕ Битарты Зоя, Тыбылты Инга, Биазырты Алла, Плиты Сергей, Плиты Гацыр ӕмӕ уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульетта. Уыдон сты курсыты лектортӕ дӕр.
Профессор Битарты Зоя бахахх кодта, зӕгъгӕ, курсыты фӕстӕ ӕмбӕстӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй дзурын ирон ӕвзагыл, уый та ӕнӕмӕнг у политикон, паддзахадон, закъондӕттынадон ӕмӕ тӕрхондоны къабӕзты.
ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ