Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд срӕмыгъд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Цауы фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты, фехъусын кодта Sputnik-ӕн ВГТРК уацхӕссӕг пункты хистӕр Къуындыхты Александр.
Срӕмыгъд ӕрцыд майрӕмбоны Партизанты уынгыл ӕфтауцы бӕстыхӕйтты.
"Мах ныртӕккӕ стӕм цауы бынаты. Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕфснайынц пырхӕнтӕ. Ныртӕккӕ уал бӕрӕг у, буары цӕфтӕ кӕй райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты", - загъта Къуындыхты Александр.
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрцыд пиротехникӕйы детонаци ӕфтауцы.
Къуындыхты Александр бафтыдта, зӕгъгӕ, бынаты кусы Дзӕуджыхъӕуы мэр Милдзхыхты Вячеслав.
Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд срӕмыгъд