Гаглойты Алан бакодта Хуссар Иры культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста республикӕйы Культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы бакӕныны цытджын церемонийы.
РХИ президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, йӕ раныхасы паддзахады сӕргълӕууӕг кӕй банысан кодта, Культурӕйы бонтӕ ауадзын кӕй у ахсджиаг символ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕнгом бастдзинӕдтӕн. Гаглойты Алан бузныг загъта хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, республикӕ сӕрыстыр кӕй у бавдисын йӕ культурӕ уӕрӕсейаг аудиторийӕн.
Президент ма банысан кодта, бӕстӕты ӕхсӕн культурон ӕмгуыстад кӕй у системон ӕмӕ дарддӕр рӕзы.
Гаглойты Алан бузныг загъта Уӕрӕсейы Федерацийы культурӕйы министр Ольга Любимовайӕн проектӕн ӕххуыс ӕмӕ мадзал сорганизаци кӕныны тыххӕй. Президент зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, июны Хуссар Ирыстоны кӕй ацӕудзысты Уӕрӕсейы культурӕйы бонтӕ.