ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 14 хорзæхы Краснодары крайы Кубокы тхэквондойæ, фехъусын кодта тренер Гуыцмæзты Валерий.
Турнир ацыд 17-19 апрелы. Ерысты хайад истой РХИ хæстон аивæдты клуб "Рухс Сомбоны"-ы хъомылгæнинæгтæ.
Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тедеты Амага, Гасситы София, Гæззаты Аслан æмæ Губиты Алана. Кады пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Гуыцмæзты Оливия, Къæбысты Арнела, Гæбæраты Виктория æмæ Харебаты Инга.
Турниры бронзæ майдантæ та рамбылдтой Джиоты София, Кокойты Милена, Алиса Агаджанян, Битеты София, Дзудцаты София æмæ Джиоты Дина.
Командæ стыр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкийæн ерыстæм ацæуынæн сын автотранспорт кæй рахицæн кодта, уый тыххæй.