ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы фæндзæм астæуккаг скъолайы æртыццæджы цытджын уавæры бакодтой хæстон кады музей.
Мадзалмæ бацыдысты президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан, Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан, Уæрæсейы минæварады 1-аг секретарь Игорь Ратушняк æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Скъолайы директор Туаты Мæдинæ раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз æмæ бахахх кодта, музей кæй иу кæны мах нæ Фыдыбæстæйы хъайтартимæ.
Официалон хайы фæстæ мадзал адарддæр ис скъолайы ахуырдзауты ралæудтытæй, уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй æмæ акафыдысты "Уæлахизы вальс".
Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы хæстон кады музей арæзт æрцыд Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй аразгæ программæ "Фæлтæрты мысæн"-ы фæлгæтты.