Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой къорд хъӕуы скъолаты хӕлцады цухдзинады проблемӕйыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ профилон комитеты рабадтыл цыппӕрӕмы ӕрдзырдтой къорд хъӕуы скъолаты хӕлцад сног кӕныныл, уыцы ахуырадон уагдӕтты сывӕллӕттӕ баззайынц ӕнӕ хӕлцадӕй хӕринаггӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕнынц, уый тыххӕй, фехъусын кодтой парламенты пресс-службӕйы.
Хӕлцадимӕ уӕззау уавӕр ис Знауыры районы Хъорнисы ӕмӕ Бехъмары хъӕуты скъолаты – бынӕттон ахуырады хайады минӕвӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕринаггӕнджытӕ нӕ разы кӕнынц кусын гыццыл мыздты тыххӕй: январы хӕринаггӕнӕджы мызд уыд ӕрмӕстдӕр 1400 сомы. Проблемӕ не скъуыддзаг кӕнынц дыууӕ азы дӕргъы.
"Бюрократон проблемӕты тыххӕй сывӕллӕттӕ баззайынц ӕнӕ хӕлцадӕй. Дыууӕ азы ӕнӕ хӕлцадӕй у закъоны фехӕлд", - фехъусын кодта комитеты сӕргълӕууӕг Тадтаты Таймураз.
Комитет фӕхондзӕн районты разамонджыты, цӕмӕй лӕмбынӕгӕй ӕркӕсой скъолаты хӕлцады уавӕрмӕ.