ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Тедеты Виктория. Ӕппӕтуӕрӕсейаг адӕмон фронты активисттӕ ӕртыццӕджы ӕрластой Ӕнусон арты хай Хуссар Ирыстонмӕ.
Цхинвалы "Ӕнусон арт"-ы мемориалы территорийыл патриотон акци "Мысӕны арт"-ы хайад райстой Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Денис Федоров, Россотрудничествойы разамонӕг республикӕйы Сергей Комиссаров, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, районты сӕргълӕуджытӕ, депутаттӕ, скъолаты ахуырдзаутӕ, студнеттӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ.
Ӕнусон арты хай ӕрластой Хуссар Ирмӕ
© Sputnik / Виктория Тедеева
Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады бархион корпусы ӕфсӕддон уацхӕссӕг Павел Кукушкин, кӕцы ӕрласта ӕфсӕддон намысы символ, бахахх кодта йӕ миссийы ахсджиагдзинад.
"Ацы арт у нӕ фыдӕлты сгуыхтдзинӕдты символ. Ӕз сӕрыстыр дӕн, кӕй йӕ фӕхӕццӕ кодтон Хуссар Ирыстонмӕ, уымӕн ӕмӕ абоны бон бархион корпусы ис бирӕнымӕц хӕстонтӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Уымӕй дарддӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты истори равдыста, ирӕттӕн кӕй ис иуыл фылдӕр Советон Цӕдисы Хъайтартӕ сӕ цӕрджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ. Ацы факт у нӕ иудзинады ӕвдисӕн", - загъта Павел Кукушкин.
Денис Федоров та йӕхирдыгӕй бахахх кодта, "Мысӕн арт"-ы акци кӕй цӕуы 10 азы дӕргъы, ӕмӕ та йӕм ацы аз радон хатт ӕрбаиу Хуссар Ирыстон дӕр.
Ӕнусон арты хай ӕрластой Хуссар Ирмӕ
© Sputnik / Виктория Тедеева