ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Коцты Анатолийы хиуӕттимӕ ӕмӕ радта фӕмардуӕвӕджы ӕмкъай ӕмӕ чызгӕн паддзахадон хорзӕх – "Уацамонгӕ"-йы орден, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Хӕсты хъайтарты мысӕн у нӕ ирд сомбоны фидар бындур. Хъайтартӕ нӕ мӕлынц, цалынмӕ сӕ хъуыды кӕнӕм, уӕдмӕ", - загъта президент.
Коцты Анатолий службӕ кодта Хуссар Ирыстоны Адӕмон хӕдӕфсады рӕнхъыты Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр службӕ кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады. Коцты Анатолий фӕмард 2005 азы Цхинвалы цӕгатварс Тамарашены хъӕуы.