Макъоты Уырызмӕг: архайӕм Дзауы санаторий сӕндидзын кӕныныл

© Sputnik / Дзауы районы администрацийы пресс-службæйы къамДзауы районы администрацийы сæрдар Макъоты Уырызмæг
Дзауы районы администрацийы сæрдар Макъоты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Макъоты Уырызмæг Яковы фырт Дзауы районы хистæрæй нысан æрцыд 2017 азы июлы мӕйы. Ног разамонæг сарæзта афæлгæст ивгъуыд азы бакӕнгӕ куыстытыл æмæ райхæлдта 2018 азмӕ йæ нывæзт, стæй ма æрдзырдта хъæууон хæдзарады æмæ хосгæнæн-улæфæн зонæйы райрæзтыл
Уырызмæг Яковы фырт, ныр ӕрдæг азы бæрц кусыс Дзауы районы хистæрæй, цы дын бантыст саразын ацы рæстæг?

— Мах адарддæр кодтам раздæры къухдариуæгады куыст районы хъæутæ донæй сифтонг кæнын æмæ фæндæгтæ саразыны здæхæнты. Куыстмæ куы бацыдтæн, уæд сæйраг хӕс уыд скъолатæ ног ахуыры азмæ бацæттæ кæнын. Цалцæггæнæг куыстытæ ацыдысты Хъемулта æмæ Гуфтайы скъолаты, стæй ма Дзауы æмæ Хуыцъейы скъолаты.

Уымæй дарддæр ма уыцы афон уыд тынг ахсджиаг арæнгæрон хъæу Синагуры социалон нысаниуæгджын объектты æмбæлон уагмæ æркæныны хъуыддаг — сцалцӕг сын кодтам хъæусоветы бæстыхай, скъола æмæ рынчындон. Уымӕй дарддӕр ма Карзманы ФАП æвзæрста доны цухдзинад æмæ уыцы проблемӕ дæр аиуварс кодтам. Теделеты дæр æнгæс проблемæтӕ иуварс æрцыдысты.

Донимӕ баст фарстытæ ма уыд Шихантур æмæ Хуымысæрты. Хслебы доны хæтæл та æрцыд æдзæллаг уавæрмæ, ныр ацы хъӕуы хæдзӕрттӕм дон хæццæ кæны.

— Куыд цæуынц Дзауы скъола-интернаты æндидзынгæнæн куыстытӕ?

— Ног ахуыры азмæ цæттæгæнæн архайдимæ æмрæстæджы цыдысты арæзтадон куыстытæ Дзауы скъола-интернаты сыгъд бæстыхайы. Куыстытæ цæуынц Ӕхсæнадæмон бахыгъдон банчы хæрдзтæй. Арæзтад цæуы фæстиӕдтимæ æмæ балхынцъы æмгъуыд фæфæстæдæр ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, объект сцæттæ уыдзæн 2018 азы февралы. Арæзтадмæ йæ хайбавæрд бахаста районы цæрæн-коммуналон хæдзард дæр, уыдон аразынц хъармгæнæн системæ. Уый дæр арæзтады фæудмæ сцæттæ уыдзæн. Уый фæстæ ма дзы хъæудзæн сæххæст кæнын хæрзарæзтадон куыстытæ, уыдон ацæудзысты дыккаг этапæй уалдзæджы. Интернаты хъомылгæнинæгтæ ныридæгæн ахуыр кæнынц Дзауы астæуккаг скъолайы, уым сын сарæзтам æппæт уавæртæ дæр.

— Ацы аз та Дзауы районы администрацийы хъусдард фылдæр бæрцæй цы къабӕзтӕм уыдзæн здæхт?

— Ныридæгæн бæрæг кæнæм, цы уыдзæн аразинаг 2018 азы. Фидарæй бæрæг у, Теделеты фæндаг уыдзæн аразинаг ацы аз. 

Нæ фæнды ис Църуйы сифтонг кæнын донæй, хъæуы рауадзын фондз километры бæрц доны хæтæл. Йе ʻмбисæй йын къаддæр сарæзта цæрæн-коммуналон хæдзарад, фæлæ нæ уæдмæ зымæг æрæййæфта. Уалдзæджы йæ адарддæр кæндзыстæм, кусгæ дзы кæнынц сæхæдæг хъæуы фæсивæд ЦКХ-имӕ бадзырды фæлгæтты. Иуæй исынц мызд, аннæмæй та уыдонæн сæ зæрдæ тынгдæр риссы ацы хъуыддагыл.

Дворец детского творчества в Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты сфæлдыстады галуан фæзындзæн Дзауы поселочы

Планы ма нын уыд Морго, Жриа, Къада æмæ Барсы хъæутæм фæндæгты арӕзтад. Ам куыстытæ цæуынц ныр дæр.

Къуыдаргомы ʻрдыгæй дон сырæзт Надарвазмæ, Фæзы хъæумæ, Бзиты хъæуы. Къуаисайы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ма ацы горӕты иу хид уыд аразинаг æмæ уый дæр сцæттæ ис. Сарæзтам сын сæ скъолайы агъуыст дæр.

Ӕдзæллаг уавæрмæ æрцыд Дзауы доны хæтæл æмæ дзы арæх æрцæуы аваритæ æмæ йæ хъæуы æнæмæнг аразын ацы аз.

Ног азæй фæстæмӕ хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм Дзауы хиды фарст. Хид нымад цыд кæлæддзагыл, фæлæ уæрæсейаг специалисттæ рабӕрæг кодтой, кæй йæ хъæуы капиталон æгъдауæй сцалцæг кæнын. Дзауæй Бузаламæ фæндаг у аразинаг, йæ дæргъ цыппар километры бæрц. Къæвда боны цъыфæй абухы, хур бон та рыджы бын фӕвæййы. Хицауады æххуысæй хъуамæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнæм.

Социалон куыст дæр уадзæм, ацыд нæм æхсæнадæмон масштабы турнир самбо æмæ дзюдойæ.

Районы скъолтаты нæй спортивон залтæ æмæ уый дæр лыггæнинаг фарст у. Стæй мах хохбæсты цæрæм æмæ фæндӕгтæм хъæуы æппынæдзух хъусдард. Ацы аз нæ фæнды ноджы рауадзын дон Чъимасы хъæумæ. Йæхи тыхæй дон цы хъæутæм нæ арæхсы, уыдонмæ та вышкайы æруаджы рауадздзыстӕм. Уымӕй дарддӕр Къодибын уыд хосгæнæн бынат æмæ нымайæм ахсджиагыл уырдæм фæндаг балыг кæнын.

— Цы арæзт цæудзæн хъæууон хæдзарады райрæзтæн та 2018 азы?

— Хъæууон хæдзарады фадыджы нæ фæнды ис 10 гектар зæххыты байтауын картоф. Дæуджыхъæуккаг компани "Бавария"-йы ис хорз лабораторитӕ, цы ран кусынц тауинагыл æмæ нын уыдон феххуыс кæндзысты ацы фарсты. Уалдзæджы уал ацы зæххытæ байтаудзыстæм æмæ кæд фæлварæн æнтыстджын разына, уæд æй стӕй ноджы рауӕрæхдæр кæндзыстæм.

— Дзауы районы Советон дуджы куыста стырдæр санаторитæй иу. Куыд уыныс йæ сæндидзын кæныны фарст?

— Дзауы районы уыд стыр хосгæнæн санаторий. Ардæм цыдысты Советон цæдисы алы къуымтæй. Йæ фарсмæ уыд ногдзауты дыууæ лагеры, стæй ма фæскомцæдисонты фæсивæдон лагерь "Спутник". Нæ комы ма уыд турбаза "Матери с ребенком", базӕтӕ уыд Ручъы комы, Къодибын æмæ æнд. Ӕз мæхæдæг хъуыды кæнын, лагерьтæ æмæ улæфæндæттæй дарддæр ма туристтӕ Дзауы æххуырстой хисӕрмагонд хæдзæрттæ дæр. Дзауы ком иу æрдæг аз йедзаг уыд улæфджытæй.

Абон ацы хъуыддагыл цæуы куыст, анализ кæнæм туристон фадыгæн. Районы къухдариуæгад æмæ министрадтæ архайынц ацы фарст аскъуыддзаг кӕныныл. Фæнд кæнæм ацы хъуыддаг цадæгай ногæй йæ къахыл слæууын кæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, махмæ ис хорз уæлдæф, климат, фæлæ хъæуы æмткæй сæндидзын кæнын туристон фадыг. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æввахс рæстæджы рахиздзыстӕм практикон архайдтытæм æмæ Дзауы æмæ æмткæй Ирыстоны дæр сæндидздзæн туристон фадыг.

Ног хабӕртты лентӕ
0