Тедеты Дзамболат дунейы чемпионаты тыххӕй: "сыгъзæринты" æмбис сты мах

Рафыссын
Уæрæсейы æмбырдгонд уæгъдибар хъæбысхæстæй рамбылдта фараст майданы дунейы чемпионаты Нурсултаны, уыдонæй фондз сты уæлдæр аргъы хорзæхтæ.

Дунейы чемпионаты триумфаторты хсæн сты дыууæ ирон богал – Сидахъты Зауыр æмæ Байты Дауыт. Ӕбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат радзырдта се ʻнтыстытӕ, се ʻнхъæлцтæ æмæ олимпиадæйы тыххӕй.

- Цы эмоцититӕ уын балæвар кодта дунейы чемпионат?

- Æвæрццаг эмоцитæ. Ацы хатт дунейы чемпионат иннæты æнгæс нæ уыд, уымæн æмæ цыд Олимпиадӕйы агъоммæ. Ацы ерысты скъуыддзаг цыд олимпиаг хъæзтытæм лицензиты хъысмæт, нæ аннæ нысан та уыд иууыл фылдæр майдантæ райсын.

Багаты Алан Ирыстонӕй рамбылдта дунейы фыццагад уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг богал Багаты Алан рамбылдта дунейы фыццагад

Ерысты хатдзæг  - махæн ис иууыл тыхджындæр æмбырдгонд дунейы. 1957 азæй фæстæмæ æрмæст 2017 азы мах æрыздæхтыстæм æнæ сыгъзæрин майданæй. Уæд махæн уый ссис æцæг трагеди, фæлæ уæд мах раразмæ кодтам дебютантты. Абон уыцы къахдзæф радта фæстиуæг –  ис нын иууыл æрыгон æмæ тыхджын къорд. Нæ сæйраг ныхмæлæуджытæ – Иран, АИШ, Азербайджан, Гуырдзыстон æмæ æндæртæн сæ богалтæ сты 30 азы кары.

100 кг уæзы цы тохтӕ цыд, уыдонæн се ʻмбисы мах стæм уæлахиздзауæ, æртæ бронзæ æмæ иу æвзист дæр райстам. Хорзӕхты ӕрдæг мах, сæ аннæ хай та - æппæт дуне иумæ. Уый у советон дугæй цы хорз традицитæ баззад, цы профессионалтæ кусынц нæ командæимæ, уый иумæйаг хатдзæг, се 'нтыст сын бæлвырд кæнынц нæ лæппутæ дунейы хæцæн гауызтыл.

- Уæлдай кæй рахицæн кæндзынæ дӕ командӕйӕ?

- Америкӕйаг спортсмен, олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Джордан Барроуз, дунейы дыууæ хатты уæлахиздзау ивгъуыд аз æмæ та ныр дæр фæхæрд ис нæ богал Сидахъты Зауырæн фæстаг секундты.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

Нæ богалтæ æмбулынц, зæлы паддзахадон гимн, фæзыны тырыса æмæ та зæрдæ цинæй байдзаг вæййы. Богалтæ сæ цард сынвонд кодтой спортæн æмæ хатгай царды сæхи бирæ цæмæйдæр рацух кæнынц, уымæ гæсгæ æз сидын, цӕмӕй сын спортæй ацыды фæстæ аккаг аргъ скæнойн. Сæрыстырдзинад æмæ уæлахизы бæрæгбон нын куы лæвар кодтой, уыцы уысмтæн аргъ кæнын.

- Командæйы уæнгтæй хуыздæр æнхъæл искæмæй уыдтæ?

- 61 кг уæзы Магомед Идрисов йæ къорды ныхмæлæуджыты ныддæрæн кодта, фæлæ финалы гуырдзиаг богалимæ тохмæ "басыгъд". Найфонты Артурæй дæр æнхъæлмæ кастæн сыгъзæринмæ, уый у Уæрæсейы æмæ Европæйы чемпион.

- Цы раивдзыстут командæйы цæттæдзинады олимпиаг хъæзтытæм?

Ницы! Нæ цæттæдзинады скъола та радон хатт йæ цæрынхъомад сбæлвырд кодта, уый у иууыл хуыздæр методикæ, уый 20 дæргъы бæлвырд цæуы. Дунейы æмбырдгондтæ бырсынц махимæ рацæуын цæттæдзинады ахуыртæ. Хуымæтæгæй зæгъгæйæ, мах стæм, куыд футболы "Бавария" æмæ "Ювентус" сты, афтæ.

- Фидӕн азы олимпиаг хъæзтыты командæйы сконд фидар у?

- Дунейы уæлахиздзаутæ стыс æрмагонд хыгъдыл, уыдонæн уавæртæ араздзыстæм, цæмæй бацæуой Олимпиаг хъæзтытæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0