Уæрæсейы бон Цхинвалы: хъазт, призтӕ ӕмӕ фоторавдыст

Рафыссын
Уæрæсейы боны цытæн цхинвайлæгты Адæмон сфæдыстады центр æрхуыдта ирон хъазтмæ

Уæрæсейы бон Цхинвалы сæйраг культурон-хиирхæфсæн мадзæлттæ райдыдтой изæры Къостайы цырты цур скверы. Адæмон сфæлдыстады центр æрбайгом кодта къамты равдыст. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырты асинтæ æмæ йæ алфæмбылай сӕвӕрдтой архивон къамтæ, Гæбæраты Нелли, Габаты Владимир æмæ ӕндӕр авторты къамтæ. Экспозицийы фенæн уыд Ирыстоны æрдз, сырдтæ, зындгонд гоймæгтæ æмæ дзуттæгты квартал.

Центры призтæ æмæ лæвæрттæ рамбулыны сæраппонд дугъты æмæ сфæлдыстадон конкурсты архайдтой сывæллæттæ. Сабитæ æмæ фæсивæд сæ арæхстдзинад равдыстой симд, хонгæ æмæ æндæр кафтыты, стæй ма дугъ кæнынæй ӕмӕ пурти хæссынæй. Сæххæст кодтой зарджытæ æмæ дзырдтой æмдзæвгæтæ. Иууыл уæндондæр, æвзыгъд æмæ цырд фæсивæд ацыдысты пуртитӕ, хъазӕнтæ æмæ адджинæгтимæ. Уӕрӕсейы бон балхынцъ ис изӕры 9 сахатыл.

 

© Sputnik / Фатима ПлиеваКафты конкурсы архайӕг фӕсивӕд иууыл кафынмӕ нӕ арӕхстысты, уымӕ гӕсгӕ ӕмрӕстӕджы ахуыр кодтой симын дӕр
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/12
Кафты конкурсы архайӕг фӕсивӕд иууыл кафынмӕ нӕ арӕхстысты, уымӕ гӕсгӕ ӕмрӕстӕджы ахуыр кодтой симын дӕр
© Sputnik / Фатима ПлиеваИууыл уæндондæр, æвзыгъд æмæ цырд фæсивæд райстой лӕвӕрттӕ
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/12
Иууыл уæндондæр, æвзыгъд æмæ цырд фæсивæд райстой лӕвӕрттӕ
© Sputnik / Фатима ПлиеваСабитӕ сӕххӕст кодтой "симд", "хонгӕ", "хӕххон" ӕмӕ ӕндӕр кафтытӕ
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/12
Сабитӕ сӕххӕст кодтой "симд", "хонгӕ", "хӕххон" ӕмӕ ӕндӕр кафтытӕ
© Sputnik / Фатима ПлиеваСфӕлдыстадон ӕмӕ спортивон ерысты чи нӕ архайдта, уыдон та сӕ хъус дарддой ерыстӕм
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/12
Сфӕлдыстадон ӕмӕ спортивон ерысты чи нӕ архайдта, уыдон та сӕ хъус дарддой ерыстӕм
© Sputnik / Фатима ПлиеваУæрæсейы бон Цхинвалы сæйраг культурон-хиирхæфсæн мадзæлттæ цыдысты изæры Къостайы цырты цур скверы
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/12
Уæрæсейы бон Цхинвалы сæйраг культурон-хиирхæфсæн мадзæлттæ цыдысты изæры Къостайы цырты цур скверы
© Sputnik / Фатима ПлиеваБӕрӕгбонон мадзалы архайдтой канд сабитӕ нӕ, фӕлӕ хистӕр кары адӕм дӕр
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/12
Бӕрӕгбонон мадзалы архайдтой канд сабитӕ нӕ, фӕлӕ хистӕр кары адӕм дӕр
© Sputnik / Фатима ПлиеваКъостайы сквермӕ ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/12
Къостайы сквермӕ ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм
© Sputnik / Фатима ПлиеваИууыл фылдӕр сабийы архайдта пурти хӕссыны конкурсы
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/12
Иууыл фылдӕр сабийы архайдта пурти хӕссыны конкурсы
© Sputnik / Фатима ПлиеваСабиты ирхӕфста бур арс
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/12
Сабиты ирхӕфста бур арс
© Sputnik / Фатима ПлиеваДугъты иууыл цырддӕр фӕсивӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст лӕвӕрттӕ
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/12
Дугъты иууыл цырддӕр фӕсивӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст лӕвӕрттӕ
© Sputnik / Фатима ПлиеваЭкспозицийы фенæн уыд Ирыстоны ӕрдз, сырдтæ , зындгонд гоймæгтæ æмæ дзуттæгты квартал
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/12
Экспозицийы фенæн уыд Ирыстоны ӕрдз, сырдтæ , зындгонд гоймæгтæ æмæ дзуттæгты квартал
© Sputnik / Фатима ПлиеваАдæмон сфæлдыстады центр сарӕзта ирон хъазт
День России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/12
Адæмон сфæлдыстады центр сарӕзта ирон хъазт
Ног хабӕртты лентӕ
0