Алагиры алайнаг сылгоймӕгты моладзандон – Ирыстоны сабиты аздон

© Sputnik / Дзерасса БиазартиМад Нонна
Мад Нонна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Моладзандоны къухдариуггӕнӕг моладзан Ноннайӕн дыццӕджы нысан кӕны йӕ райгуырӕн боны, уый фӕдыл йын раарфӕ кодта Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Алагиры алайнаг сылгоймӕгты моладзандоны къухдариугӕггӕнӕг моладзан Ноннайӕн фыд Иаков бахӕлар кодта фылдӕр тыхтӕ Чырыстон дин фидар кӕнын ӕмӕ сабиты баузӕлыны хъуддаджы.

Моладзандоны къухдариуггӕнӕг моладзан Ноннайӕн йӕ райгуырӕн боны фӕдыл раарфӕ кодта Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков.

Фондз цхинвайлаг сабийы реабилитаци рацыдысты Алагиры моладзандоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фондз цхинвайлаг сабийы реабилитаци рацыдысты Алагиры моладзандоны

"Стыр у йӕ хайбавӕрд Ирыстоны Чырыстон дин сфидар кӕныны хъуыддаджы. Йӕ ӕмархайдӕй Хуссар Иры сывӕллӕттӕ реабилитаци рацӕуынц моладзадоны цур центры, йæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттимӕ бакусынц уым мӕскуыйаг специалисттӕ", — бансан кодта уый.

Алагиры алайнаг сылгоймӕгты моладзандон аздон ссис 2008 азы хӕсты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хӕсты азарӕй цы сабитӕ лыгъд, уыдонӕн.

"Фидар ахастытӕ ис моладзандонӕн Алайнаг епрахиимӕ. Моладзан Ноннӕ(Багаты) та Чырыстон динмӕ бацыд Хуыцауы арфӕйӕ. Бирӕ фӕрынг хъуддӕгтӕ йын бантыст саразын ӕмӕ йын Хуыцау ноджы фылдӕр тыхтӕ радтӕд", — загъта динамонӕг.

Алагиры алайнаг сылгоймӕгты моладзандоны реабилитацион центры Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕ ӕрвыл аз банкъарынц аудгæ ахаст, райсынц медицинон ӕмӕ психологон ӕххуыс, ам аздон скодтой 2008 ӕзы хӕсты азар баййафӕг хуссарирыстойнаг сабитӕ.

Алагиры сылгоймӕгты моладзандон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тӕрккъӕвда разиан кодта Алагиры сылгоймӕгты моладзандонӕн

Уый ма бансан кодта, моладзан Нонна журналист уӕвгӕйӕ фембӕлд Архимандрит Ипполитимӕ (Халин). Фембӕлды рӕстӕджы уый фыццаг схуыдта Нонӕйы Аланийы игуменья, уӕдӕй райдыта йӕ фӕндаг Чырыстон динмӕ.

Ӕхсин Елизаветайы номыл сывæллæтты реабилитацион центры, йæ размæцыды къуыхцыдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм хуссарирыстойнаг сывæллæттæ сæ рæстæг арвитынц ныр фондз азы дæргъы æрвыл сæрд дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0