ЗИИ раразмӕ кодта Бигъуылаты Иринайы зонадон монографи Къостайы премимӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваБигъуылаты Ирина
Бигъуылаты Ирина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон кусӕг чиныг "Коста Леванович Хетагуров"-йыл куыста 30 азы бӕрц ӕмӕ дзы раргом кодта Ирыстоны уарзон фыссӕджы цардвӕндаджы сусӕг цаутӕ.

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Зонад-иртасӕн институты зонадон совет бавдыста Бигъуылаты Иринӕйы монографи "Коста Леванович Хетагуров" Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премимӕ, фехъусын кодта Sputnik чиныджы автор.

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

Зонадон кусӕг чиныг "Коста Леванович Хетагуров"-ыл куыста 30 азы бӕрц ӕмӕ дзы раргом кодта Ирыстоны уарзон фыссӕджы цардвӕндаджы сусӕг цаутӕ. Бигъуылаты Иринӕ фӕхицӕн кодта Къостайы сфӕлдыстады Цӕлыккаты Аннӕ ӕмӕ Попова Аннӕйӕн нывонд уацмыстӕ.

"Къостайы дыууӕ стыр уарзты уыдысты дыууӕ Аннӕйы — Цӕлыккаты ӕмӕ Попова. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ Поповайӕн нывонд цы уыд, уыдон дӕр ныффыстой Цӕлыккаты чызгыл. Ацы темӕ бӕстонӕй раиртӕстон чиныжы. Стӕй ма поэты сабибонтӕ ӕмӕ Херсонмӕ йӕ куы фӕхастой уыцы рӕстӕджытӕ дӕр", — загъта зонадон кусӕг.

Бигъуылаты Иринӕ ма радзырдта, Хетӕгкаты Къостамӕ йын йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ кӕй ис уӕлдай хъӕрмуд ахаст.

Поэт-академик Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры расидтысты Джусойты Нафийы номыл литературон преми

"Сабийӕ иу мын мӕ мад арӕх зарыд "Сидзӕргӕс" ӕмӕ "Додой" ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ балхӕдта йӕ сфӕлдыстадӕй. Зӕгъӕн ис ӕмӕ ӕз мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цымыдис кӕнын Къостайы цардвӕндаг ӕмӕ сфӕлдыстадмӕ. Иу ӕмӕ дыууӕ хатт нӕ ныммыхуыр кодтон Къостайы тыххӕй уацтӕ газетты ӕмӕ журнӕлтты", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм Бигъуылаты Иринӕ.

Уый ма радзырдта, чиныджы хъусдард ӕздӕхт кӕй ӕрцыд Къостайы "Ирон фӕндыр" рауадзыны хъуыддаджы Джиоты Порайы стыр хайбавӕрдмӕ дӕр.

Чиныг "Коста Леванович Хетагуров" 2016 азы Хетӕгкаты Къостайыл номыл паддзахадон премимӕ раразмӕ кодта зонад-иртасӕн институт (ЗИИ).

Бигъуылаты Иринайы зонадон монографи "Коста Леванович Хетагуров" рацыд Хуссар Ирыстоны 2014 азы, иу азы фӕстӕ чиныг мыхуыр ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны дӕр. Амӕй размӕ ма уымӕн рацыд ӕндӕр куыстытӕ — се ‘хсӕн Гаглойты Рутены чиныг ӕмӕ Ирыстоны рухстауджытыл монографитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0