Тагъд рӕстӕджы фыццаг туристтӕн Китайӕ фадат уыдзӕн Цӕгат Ирмӕ ӕрцӕуын

© Sputnik / Алина БолотаеваКитайские туроператоры в Северной Осетии
Китайские туроператоры в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Китайаг туроператортӕ уыдысты Дзӕуджыхъӕуы, уый фӕстӕ РЦИ-Аланийы делегаци фӕуазӕг Китаймӕ иу нысанӕн – цӕмӕй китайаг туристтӕн уа фадат массон ӕгъдауӕй Ирыстонмӕ цӕуын.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстон тагъд рӕстӕджы райсдзӕн фыццаг туристты Китайӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта туризмы фӕдыл комитеты разамонӕг Гӕджиты Вильям.

РЦИ, Фиагдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Документалон фильм "Китай. Аланский след" равдисдзысты Дзæуджыхъæуы этнолагеры

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, туризмы фӕдыл комитет тынг ӕнгом куыст кӕны Китайаг адӕмон республикӕйы туроператортимӕ.

Фыццаг къахдзӕфтӕ ацы фӕдыздӕхты арӕзт ӕрцыдысты ацы сентябры, Цӕгат Ирыстонмӕ Китайӕ делегаци куы ӕрцыд, уӕд. Уӕд, делегацийы минӕвар Чжао Хунцин фехъусын кодта, Цӕгат Ирыстон кӕй суыдзӕн приоритетон равзӕрсттӕй иу.

Комитеты сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, визиты фӕстӕ китайаг фарс тыхджын цымыдис равдыста Цӕгат Ирмӕ, куыд туристон объектмӕ.

"Цӕгат Ирыстон хуынд ӕрцыд Китаймӕ. Ацы фӕхуынд нын уыд ӕнӕнхъӕлӕджы, мах нӕ хъуыды кодтам, хъуыддӕгтӕ ахӕм фӕтагъдгонд режимы кӕй ацӕудзысты. Уымӕ гӕсгӕ, нӕхи цӕттӕ кодтам балцмӕ тагъд-тагъд, цӕмӕй балц ӕрмӕст туристон ма уа, фӕлӕ ма пайдаджын дӕр", — радзырдта Гӕджиты Вильям.

Цыбыр ӕмгъуыдмӕ, 5-6 бонмӕ ист ӕрцыд фильм китайаг ӕвзагыл республикӕйы рекреацион потенциалыл. Гӕджиты Вильям куыд радзырдта, афтӕмӕй китайӕгтыл зӕрдӕты ацы фильм ныууагъта ирд тӕлмӕнтӕ.

Туризм Хуссар Ирыстоны: нырма æрмæстдæр райдиан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туризм Хуссар Ирыстоны: нырма æрмæстдæр райдиан

"КАР-ы минӕвӕрттӕ уыдысты нӕ Революцийы фӕзуаты, федтой обелиск, кӕцы у ӕвӕрд ӕмбӕстагон хӕсты рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг китайаг бархионтӕн. Уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, цырт кӕй нӕу рохуатыуагъд, кӕй йӕм зилынц. Уый фӕстӕ уыдон сӕхӕдӕг банысан кодтой, кӕй уыдзӕн растдӕр Цӕгат Ирыстон бакӕнын "Сырх маршрут"-ы скондмӕ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0