Ирон ӕвзаджы клуб Дзæуджыхъæуы йӕ куыст райдыдта киноныв "IRON VANDEЕ"-йӕ

© FacebookИрон ӕвзаджы клуб Дзæуджыхъæуы
Ирон ӕвзаджы клуб Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон ӕвзаджы клубы дзæуджыхъæуккаг филиалы фыццаг рабадты бакастысты æмæ æрдзырдтой 20 азты ирон адæмы геноциды фæдыл хуссарирыстойнаг киноныв "IRON VANDEЕ"-йыл.

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цæгат Ирыстоны уагъд ӕрцыд Ирон æвзаджы клубы фыццаг æмбырд, йӕ уӕнгтӕ бакастысты 1920 æзты ирон адæмы геноцидæн нывонд киноныв "IRON VANDEЕ"-мӕ, фехъусын кодта Sputnik клубы директор Коцты Ацæмæз.

Фильм IRON VANDEЕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фильм "IRON VANDEЕ". Уырыссаг субтитртимӕ

Ирон æвзаджы клуб фыццаг хатт æртæ азы размæ бакодтой Мæскуыйы, уый фӕстӕ сын сӕ фæлтæрддзинад бафæзмыдтой Санкт-Петербурджы дӕр. Ныр ирон æвзаджы клубæн къуым фæзынд Дзæуджыхъæуы дæр.

Клубы уæнгты нымӕцы ис, ирон адæмæй хицæн ныхасыздæхтытæ æмæ диалекттыл чи дзуры, ахæмтæ. Организатортæ ирон æвзаджы райрæзт æмæ парахат кæнынæй дарддæр сæ хæсыл нымайынц ирон æмæ дыгурон диалекттæ, стæй ма къуыдайраг, чысайнаг, туаллаг æмæ æндæр ныхасыздæхтытыл дзурджыты æрбангом кæнын клубы алыварс.

"Клубы куысты сæйрагдæрыл нымайæм канд ирон æвзаг сахуыр кæнын нæ, фæлæ ирон æвзаджы æппæт диалекттæ æмæ ныхасыздæхтытыл дзурæг адæмы æрбангом кæнын. Не ʻхсæнады хъуамæ ма былысчъил кæной æндæр æмæ æндæр ныхасыздæхтытыл дзурджытыл, кæрæдзийыл ма мысой анекдоттæ. Уымæ гæсгæ нын символикон у клуб бакæнын хуссайраг æфсымæрты куыстæй — киноныв "IRON VANDEЕ"-йӕ", — радзырдта Коцты Ацӕмӕз.

Фыццаг фембæлды темӕйӕн хуссарирыстойнаг киноныв кæй равзæрстой, ууыл райзæрдæйæ сæмбæлд йæ режиссер Мамиты Григорий дӕр.

"Ирон адæмы 1920 ӕзты хъизæмæрттыл таурæгъгæнæг киноныв цас фылдæр адæм фена, уыййас хуыздæр, цас фылдæр адæммæ бахъара ивгъуыд æнусы ирон адæмы трагеди, уыййас хуыздæр. Клубы æрæмбырд бирæ адæм æмæ кинонывмæ кастысты цымыдисæй", — загъта Мамиты Григорий.

Ирма Мамсыраты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамсыраты Ирма: Турчы фӕзындзӕн ирон ӕвзаджы клубы филиал

Клубы директор ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй сӕ фæнды ис дарддæр саразын фембæлдтæ Ирыстоны номдзыд гоймæгтимæ, алы ӕмӕ алы дӕсниӕдтыл хӕст адӕймӕгтимӕ.

"Фидæны ацы клубмæ æрхонын фæнд кæнæм Цæгат Ирыстоны Панкратионы федерацийы вице-президент Фардзинты Роберты, кæцы тынг бирæ зоны канд ацы спорты тыххæй нæ, фæлæ ма аланты æмæ скифты æмтохæдты тыххæй дӕр ӕмӕ сӕ фӕнд кӕны сног кӕнын", — загъта клубы директор.

Ацӕмӕз ма ранымадта, ирон æвзагæн табугæнджыты клубмæ фæстæдæр та кӕй фæуазæг уыдзысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Кæмæн цы…?"-мæ гæсгæ ист мультфильмы автор Икъаты Мӕдинӕ, ирон рок-музыканттæ Тедеты фыд æмæ фырт, музыкалон къорд "Монзæл" æмæ æндæр цымыдисон адæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0