Цӕгатирыстойнаг "Алан" ауадздзӕн концерт "Крокус Сити Холлы"

© Sputnik / Наталья АйриянАнсамбль "Алан"
Ансамбль Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Крокус Сити Холл" уыдзӕн иууыл стырдӕр фӕзуат, цы ран кафджыты къорд ралӕудзӕн ансамблы 80-азон юбилейӕн нывонд гастрольты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Паддзахадон академикон ансамбль "Алан" ралӕудзӕн Мӕскуыйы иууыл кадджындӕр фӕзуаттӕй сӕ иуы — "Крокус Сити Холлы", хъусын кӕны газет "Слово".

Ацы аз ансамбль "Алан" нысан кӕны йӕ 80-азон юбилей, кӕцы сфӕлдыстадон къорд фӕнд кӕны банысан кӕнын стыр гастрольтӕй Цӕгат Кавказы республикӕтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты. Концерт "Крокус Сити Холлы" уыдзӕн 12 октябры.

Ансамбль Алан-ы концерт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ансамбль "Алан"-ы Цхинвалы райстой аншлагимӕ

Юбилейон гастрольты фыццаг концерт уыдис Хуссар Ирыстоны столицӕйы 20 июны — "Алан" равдыста цхинвайлаг кӕсджытӕн кафӕн аивады бӕрзонд ӕмвӕзад. Ныртӕккӕ кафджытӕн ис чысыл улӕфт, стӕй та гастрольтӕ адарддӕр уыдзысты фӕззӕджы. Сӕ программӕимӕ "Алан" ралӕудзӕн Рязань, Орел, Харьков, Воронеж, Ростов, Краснодар, Ставрополь, Хъӕрӕсе-Черкес, Адыгей ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары.

Концертон зал "Крокус Сити Холл" Мӕскуыйы у зонгӕ бынат ансамблӕн, 2017 азы сентябры дӕр ма "Алан" равдыста уым концерт. Уӕд залы нӕ уыд сӕрибар бынӕттӕ.

Цӕгат Ирыстоны Паддзахадон ансамбль "Алан" сырӕзт 1938 азы 7 сентябры, 1997 азы та райста академикон статус.

Ног хабӕртты лентӕ
0