Хуссар Ир ӕмӕ Севастополь бафысдзысты ӕмгуыстады бадзырд

© Правительство СевастополяХуссар Ирыстоны президент ӕмӕ Севастополы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг
Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ Севастополы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ӕруынаффӕ кодта Севастополы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгимӕ иумӕйаг проектты реализацийы фадӕттыл

ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Севастополы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд фӕнд кӕнынц бафыссын августы кӕрӕтты. Горӕт ӕмӕ республикӕ дих кӕндзысты сӕ фӕлтӕрддзинад культурӕ, спорт ӕмӕ ахуырады къабӕзты.

Хуссар Иры президент сӕвӕрдта дидинджытӕ Сапун-хохмӕ Севастополы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент сӕвӕрдта дидинджытӕ Сапун-хохмӕ Севастополы

Уый тыххӕй фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Севастополы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Михаил Развожаевы фембӕлды рӕстӕджы.

"Дыууӕварсон фембӕлды Бибылты Анатолий ӕмӕ Михаил Развожаев ӕруынаффӕ кодтой иумӕйаг проектты реализацийы фадӕттыл базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон, гуманитарон ӕмӕ социалон къабӕзты. Афтӕ ма ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Севастополы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыссыныл", - дзырдӕуы Севастополы хицауады пресс-службӕйы хъусинаджы.

Развожаев бахахх кодта, Севастополь ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн кӕй ис ӕппӕт фадӕттӕ ӕмӕ ресурстӕ дӕр ӕмгуыстад райтынг кӕнынӕн.

Бадзырды бафыст ӕрӕмных кӕндзысты Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинад банымайыны бӕрӕгбонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0