Мӕ зӕрдӕ баззад Цхинвалы: куыд сӕмбӕлдысты Ибрашев Тасболатыл Подмосковьейы

© Sputnik / Наталья АйриянТасболат Ибрашев
Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалмӕ йӕ балцы рӕстӕджы 2008 азы августы хӕсты ветераны схорзӕхджын кодтой майданӕй. Фӕстӕмӕ ныздӕхгӕйӕ йыл цытджынӕй сӕмбӕлдысты йӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ коллегӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон, Астраханӕй рацӕугӕ Тасболат Ибрашевы цымыдисон истори адарддӕр - Ирыстоны кадджын райсты фӕстӕ йыл цытджынӕй сӕмбӕлдысты Подмосковьейы дӕр, цы ран ныртӕккӕ кусы лӕппу.

Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыд иттæг хорз хæлар": Тасболат Ибрашев Цхинвалы фæмардуæвæг æмбалы тыххæй

Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕсты ветеран Тасболат Ибрашев 11 азы размӕ пулеметимæ æрлæууыд гуырдзиаг æфсады колоннæйы раз. Фæсарæйнаг журналиссты дисы бафтыдта лæппуйы хъæбатырдзинад, ныммыхуыр кодтой уац ахæм номимæ: "Уырысы 300 дæр нæ хъæуы, иу дæр сæ фаг у". Тасболат Ибрашев ӕрӕджы республикæмæ æрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоны фæхуындæй. Агентады пресс-центры хъайтары схорзæхджын кодтой майданӕй.

"Мӕ коллегӕтӕ цин кодтой мӕн тыххӕй, арфӕтӕ мын кодтой хорзӕхы фӕдыл. Хынджылӕг кодтой, зӕгъгӕ, ныр та Владимир Владимиры фыртӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хорзӕхмӕ. Радзырдтон сын, куыд мыл сӕмбӕлдысты Хуссар Ирыстоны. Хӕдзары, Астраханы дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ме 'рцыдмӕ", - радзырдта Тасболат.

Цхинвалмӕ йӕ балцы рӕстӕджы Sputnik кусджытӕ сарӕзтой хъайтарӕн экскурси хӕсты хъайтарты цыртытӕм.

Тасболат Ибрашев 2008 азы августы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзиаг-ирон хæсты хъайтары 11 азы фæстæ схорзæхджын кодтой Цхинвалы

"Горӕт фӕивта хуыздӕрырдӕм, театр сарӕзтой, уынгтӕ, улӕфӕн зонӕтӕ, парктӕ хӕрзарӕзт цӕуынц. Асфальт Цхинвалы у бирӕ хуыздӕр кӕцыдӕр уӕрӕсейаг горӕттӕм абаргӕйӕ. Ӕмӕ сын цы университет ис! Хуссар Иры столицӕ бонӕй бон кӕны рӕсугъддӕр ӕмӕ аивдӕр", - дзуры лӕппу.

Тасболат банысан кодта, тынг ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕмӕ бӕстӕ тагъддӕр сӕ къӕхтыл слӕууой хӕсты фӕстӕ ӕмӕ дарддӕр цӕрой ӕрмӕстдӕр сабыр зӕххыл.

"Фӕнды мӕ, цӕмӕй Ирыстоны адӕм зоной: мӕ зӕрдӕ баззад сымахимӕ Цхинвалы", - загъта уый.

Хъайтарыл, кӕцы ӕрлӕууыд гуырдзиаг ӕфсады раз, бирӕ рӕстӕг нымадтой ӕндӕры - Бато Дашидоршиевы, кæцы фæмард цалдæр боны фæстæ. Фæлæ æрæджы рабæрæг ис къамы æцæг хицау - Астраханы цæрæг Тасболат Ибрашев.

Ног хабӕртты лентӕ
0