Зынаргъ мын у: Тедеты Дзамболат Уæрæсейы президенты хорзæхы тыххæй

© Сайт Федерации борьбы РФ Тедеты Дзамболат
Тедеты Дзамболат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй уæгъдибар хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орденæй

ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik, Хъуылымегты Азæмæт. Йæ царды вазыгджын цау æмæ куысты дарддæры цырынгæнæн схуыдта уæгъдибар хъæбысхæсты Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат Александр Невскийы орденæй схорзæх кæныны цау.

Дзамболатæн хорзæх лæвæрд æрцыд спорты размæцыдмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй æмæ бирæ æзты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй.

"Ацы орден мæн тынг зынаргь у. Бирæ куы кусай æмæ дын дæ фыдæбонæн куы саргъ кæна Уæрæсейы президент, уæд уый у зынаргъ. Уый у уæлæмхас цырынгæнæн", - загъта Sputnik Тедеты Дзамболат.
Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат Европӕйы чемпионаты фӕстиуджыты тыххӕй: тынг хорз

Александр Невскийы ордентæ ма райстой Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты президент Михаил Мамиашвили æмæ Новосибирскы областы хоккейы Федерацийы президент Юрий Карандин.

Тедеты Дзамболат уæгъдибар хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонды сæйраг тренерæй куыста 2001 – 2012 æзты. Уый фæстæ ацыд йæ бынатæй йæхи фæндонмæ гæсгæ. Богалты сæйраг тренер та ногæй ссис 2016 азы январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0