Ирыстонæй ацæугæ нæлгоймаджы мæрдон буар ссардтой Сахалины

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæТагъд æххуыс
Тагъд æххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Рафыссын
Цауы бынат басгаргæйæ, æвзонг нæлгоймаджы амæлæты аххосаг не 'сбæлвырд ис, йæ мæрдон буар ын арвыстой тæрхондонон-медицинон экспертизæмæ

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Сахалины хуссар-скæсæйнаг хайы барадхъахъхъæнæн органтæ уадзынц басгæрст 29-аздзыд нæлгоймаджы амæлæты фæдыл, хъусын кæны 15 регион УФ Слестгæнæн комитеты слестгæнæн управленийы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймаг уыд Ирыстонæй ацæугæ.

Цауы бынат басгаргæйæ, æвзонг нæлгоймаджы амæлæты аххосаг не сбæлвырд ис, йæ мæрдон буар ын арвыстой тæрхондонон-медицинон экспертизæмæ.

Ныртæккæ уагъд цæуы басгæрс, барадхъахъхъæнджытæ кусынц нæлгоймаджы амæлæты аххосæгтæ сбæлвырд кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0