Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты Джусойты дыууӕ ӕфсымӕр Нафи ӕмӕ Таймуразы нӕмттӕ

© Коллаж из архивных фотоНафи Джусоев и Таймураз Хаджеты
Нафи Джусоев и Таймураз Хаджеты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Рафыссын
Хаджеты Таймураз ӕмӕ Джусойты Нафийы нӕмттӕ ратдзысты сӕ райгуырӕн Къуыдаргомы дыууӕ скъолайӕн

ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы дыууӕ скъолайӕн фӕнд кӕнынц раттын дыууӕ номдзыд ӕфсымӕр Джусойты Нафи ӕмӕ Хаджеты Таймуразы нӕмттӕ.

Дзауы районы Къуыдаргомы горӕт Къуаисайы ӕмӕ Кировы хъӕуы астӕуккаг скъолатӕ сты нырма ӕнӕном. 

Горӕт Къуайсайы астӕуккаг скъола у Дзауы районы стырдӕр ахуырадон уагдӕттӕй сӕ иу, ам ахуыр кӕны 150 ахуырдзауы.

"Фыццаг хъавыдыстӕм раттын скъолайӕн Хуыгаты Доментийы ном, Георгийы дзуары ӕххӕст кавалерӕн стыр сты йӕ лӕггӕдтӕ ирон адӕмы раз 1920 геноциды рӕстӕджы лигъдӕтты Цӕгат Ирыстоны ӕрфысым кӕныны хъуыддаджы. Фӕлӕ ацы лӕджы ном сӕнусон кодтой Ногиры скъолайы. Уымӕ гӕсгӕ, мах фӕнды скъолайӕн раттын XX ӕнусы хуыздӕр поэттӕй иу Хаджеты Таймуразы ном. Уый фӕдыл бацӕттӕ кӕндзыстӕм гӕххӕттытӕ", - загъта уагдоны директор Хуыгаты Суликъо.

Дзауы районы Кировы уӕвӕг астӕуккаг скъолайӕн та фӕнд кӕнынц раттын академик Джусойты Нафийы ном.

Хъазиты Мелитон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2021
Хъазиты Мелитон: Нафийæн никæимæ ис абарæн

"Сӕ гӕххӕттытӕ баццӕттӕ кодтой, сӕ рауагъдон уыд Джусойты Нафи ӕмӕ скъолайы номӕй фӕнд кӕнынц сӕнусон кӕнын сӕ номдзыд рауагъдоны ном",- загътой Sputnik районы ахуырады хайады.

Джусойты Нафийы ӕмӕ йӕ ӕфсымӕр Таймураз райгуырдысты Къуыдаргомы. Таймураз уыд 20 азы кӕстӕр йе 'фсымӕр Нафийӕ. Официалон биографи куыд амоны, афтӕмӕй Таймуразы фӕндыд, цӕмӕй йӕ йӕ номдзыд ӕфсымӕры кадӕй ма буц кӕной, фӕлӕ йӕхи ӕныстытӕм тырнгӕйӕ, кӕстӕр ӕфсымӕр райста сӕ фыдӕлы номӕй псевдоним "Хаджеты". Дыууӕ ӕфсымӕр дӕр уыдысты ӕнтыстджын литературӕйы, уыдысты иттӕг хорз иртасджытӕ, тӕлмацгӕнджытӕ, поэттӕ, ныууагътой стыр бынтӕ. Таймураз нымад цӕуы Ирыстоны хуыздӕр поэттӕй иуыл. Нафийы ном сӕнусон кодтой йӕ амӕлӕты фӕстӕ - Цхинвалы уынгтӕй иу хӕссы академикы ном, йӕ номыл лӕвӕрд цӕуы преми, бавӕрдтой йӕ национ пантеоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0