Хосгӕнӕндон ис Знауыры районы ӕмӕ у республикӕйы цӕрджыты уарзондӕр улӕфӕн бынӕттӕй сӕ иу. Ӕрвылаз дӕр ам баулӕфы сӕдӕгай адӕм. Ис дзы дзӕбӕхгӕнӕн суӕрттӕ ӕмӕ цъыф. Джергаты Жаннӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, улӕфджытӕ Нагутнийы рацӕуынц хоскӕнынады ӕххӕст курс, фӕисынц ваннӕтӕ, вӕййы сын хорз хӕлц. Нагутнийы хосгӕнӕндоны баулӕфыны аргъ иу адӕймагӕн хизы 10 мин соммӕ.
Джергаты Жанна: улӕфӕн бынат "Нагутни" йӕ дуӕрттӕ бакодта улӕфджытӕн
"Алы дӕс боны улӕфджыты къордтӕ ивынц. Нагутнийы директор адӕмы уавӕры бацыд ӕмӕ аргь нӕ фӕфылдӕр кодта, фарон куыд уыд, афтӕ баззад. Уавӕртӕ бирӕ фӕхуыздӕр сты, цӕрӕн бынӕттӕ сцалцæг кодтой, хӕрд дӕр сæм фӕхуыздӕр. Хицауад рахицӕн кодта æхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн категоритӕн ӕххуысӕн хӕсты зиуджытӕн, инвалидтӕн ӕмӕ ветерантӕн", - радзырдта Джергаты Жанна.