Сабитæ - зæрæдтæн: цæмæй бахъæлдзæг кодтой дзауаг скъоладзаутæ иунæг ацæргæ адæмы

© Пресс-служба парламента РЮОБæрæгбонон концерт
Бæрæгбонон концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбонон программæ цы тæлмæнтæ ныууагъта центры цæрджыты зæрдæты, уый тыххæй радио Sputnik эфиры радзырдта Коцты Роза - Дзауы астæуккаг скъолайы организатор
Дзауы скъоладзаутæ ауагътой хæрзаудæн концерт Цхинвалы медико-социалон центры цæрджытæн

Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ ауагътой хæрзаудæн концерт Цхинвалы Медико-социалон центры цæрджытæн. Сывæллæттæ равдыстой сæ арæхстдзинад кафт æмæ зарды, бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ районы администрацийы сæргълæууæджы номæй.

“Тынг рагæй нæ фæндыд социалон центры цæрджытæн сæ зæрдæтæ барухс кæнын æмæ фенын сæ царды уавæртæ”, - загъта скъолайы организатор Коцты Роза.

Уый ма банысан кодта, сывæллæттæ тынг кæй фæцин кодтой, кæй сын фæзынд ахæм фадат æмæ бæрæгбоны агъоммæ бахъæлдзæг кæной зæронд адæмы зæрдæтæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0