Хъодалаты Герсан: æнæ поэзийæ литературæ уаид æрдæгмард

© Sputnik / Natalia AiriyanХъодалаты Герсан
Хъодалаты Герсан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд ирон поэт Хъодалаты Герсан радио Sputnik-ы эфиры радзырдта, поэзи йæ царды цы бынат ахсы, уый тыххæй
Хъодалаты Герсан: æнæ поэзийæ литературæ уаид æрдæгмард

Ирон литературæ хъæздыг у курдиатджын поэттæй. Къостайы премийы лауреат, журнал "Фидиуæг"-ы редактор Хъодалаты Герсанæн стыр хайбавæрд ис ирон поэзийы. Поэт куыд загъта, афтæмæй æмдзæвгæтæ фыссын архайдта чысылæй фæстæмæ.
"Скъоладзау ма куы уыдтæн, уæд къулы газет уагътам æмæ йæм ме ‘мдзæвгæтæй цалдæр хаст æрцыд", - загъта Герсан.
Герсан ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 1956 азы йе ‘мдзæвгæтæ бавдыста фысджыты цæдисы сæрдар Гафезмæ, уый дзы цалдæры равзæрста мыхуырмæ.
"Гафезæн куы загътой, зæгъгæ, бон æхсæз æмдзæвгæ ныфыссын, уæд мын афтæ, дæхи дам цæуыл марыс, бон дыууæ хæрзгъæд куплеты куы ныффыссай, уый дæр фаг у", - радзырдта Хъодалаты Герсан.
Герсан банысан кодта, поэзийæн стыр нысаниуæг кæй ис литературæйы æмæ иумæйагæй аивады дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0