Цъинагары трагеди рох никуы уыдзӕн: Хуссар Иры мысынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты
РадиоЧысыл дӕнцӕг
19530
https://cdn1.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo-itemprop.png
Sputnik Хуссар Ирыстон
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
Sputnik
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
https://sputnik-ossetia.com/radio/20200429/10496677/Tsinagary-tragedi-rokh-nikuy-uydzn-Khussar-Iry-mysynts-guyrdziag-agressiyy-amttgty-.html
Цъинагары цӕрӕг Бестауты Эмзар радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн радзырдта сӕ хъӕуы ӕрцӕугӕ трагедийы тыххӕй
Хуссар Ирыстоны ӕрымысыдысты Цъинагары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Фыдбылыз ӕрцыд 1991 азы 28 апрелы - уӕд Цъинагары авд цӕрӕджы фыдмард кодтой гуырдзиаг боевиктӕ.
"Уыцы уӕззау хабӕрттӕ ӕрцыдысты 29 азы размӕ. Хъӕу сабырӕй йӕхи цард кодта, уӕдмӕ фыййӕуттӕ фехъуыстой, зӕгъгӕ, сыхаг хъӕуӕй гуырдзиаг неформалты фӕндыд фос аскъӕрын. Цалдӕр ирон лӕппуйы ацыдысты ӕххуысмӕ, фӕлӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕ ӕмӕ сӕ хӕрдӕй ӕхсын райдзайдзысты. Авдӕй дзы мард ӕрцыдысты - Бибылты Гиви, Дудайты Тенгиз, Мӕргъиты Отар, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар ӕмӕ Хуыбылты Таймураз – уыдоны нӕмттӕ рох ма хъуамӕ ӕрцӕуой", - радзырдта Бестауты Эмзар.
Уый ма банысан кодта, ӕрвылаз дӕр Цхинвал æмæ районты цæрджытæ кӕй фӕцӕуынц дидинтæ æвæрынмæ трагедийы амӕттӕгты цыртмӕ.
Сӕйраг темӕтӕ

Дыууæ æртæуæладзыгон цæрæн корпусы ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Нардуатисджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕг ӕмӕ кусӕгдыхӕй сты ифтонг
10

Габайты Владимир ПТРК "ИР"-ы кусын райдыдта 2011 азы ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ балхӕдта телекӕсджыты зӕрдӕтӕ, дæс азы дæгъы уый у иууыл популярондæр телеамонджытæй иу, райста æхсæнадæмон конкурсты хорзæхтæ
33

Фӕззӕджы фӕстӕ рынчынкӕнынады уавӕр у стабилон, фӕлӕ уӕддӕр чысыл республикӕйӕн рынчындонмӕ бацӕуынц бирӕ рынчынтӕ, сӕ фылдӕр вӕййынц уӕззау уавӕры, банысан кодта Быценты Индира
4