Мамиты Григорий: гуырдзиӕгтӕм хатыдыстӕм, цӕмӕй нын нӕ фыды бавӕрын бауадзой

© Sputnik / Наталья АйриянМамиты Григорий
Мамиты Григорий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Актер æмæ режиссер Мамиты Георгий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны радзырдта йæ бинонтимæ цы фыдывзарæнтæ бавзæрста, уый
Мамиты Григорий: гуырдзийаг сармадзаны нæмгуыртæ къæвдайау уарыдысты 2008 азы

Хуссар Ирыстоны историйы бирæ ис трагикон дататæ, 8 август дæр тугæйдзаг дамгъæтæй фыст æрцæудзæн республикæйы нырыккон историйы. 2008 азы кæд æгас дуне æнхъæлмæ каст олимпиадæйы райдайæнмæ, уæд Цхинвалыл та рауарыд тугæйдзаг къæвда. Бирæ бинонтæ бахаудысты уыцы трагикон цауты азары. Мамиты Григорий куыд радзырдта, афтӕмӕй уый уыцы бон йе 'фсымæримæ уыд хæдæфсæддонтимæ.

"Мæ фыдæн йæ зæрдæ æхсайдта махмæ æмæ æддæмæ рахызт, уыцы рæстæджы хæдзары цур æрхауд сармадзаны нæмыг æмæ йын йæ сæры æрдæг ахаста", - радзырдта Григорий.

Григорийы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыды хæдзары раз хаудæй куы федта, уæд æй нæ базыдта, фæлæ æввахс дæр бацæугæйæ, бамбæрста, йæ фыд гуырдзийаг нæмыджы амæттаг кæй фæци.

Уыцы ихуарæн æхсты рæстæджы сæ фыды уæлхъус æрбадыны фадат нæ фæци æмæ лæппутæ алыгъдысты сыхæгтæм. Уырдæм сæм бацыдысты гуырдзийаг æфсæдтонтæ æмæ сæ уацары акодтой.

"Уырдыгæй нæ ракодтой æмæ дзы æз иу æфсæдтонæн загътон, нæ фыд уæлæуыл кæй ис, æмæ уал нæ зæгъын бауадзут, цæмæй йæ бавæрæм. Хæдзары раз цæхæрадоны ракъахтам ингæн æмæ уым баныгæдтам нæ фыды", - дзуры Григорий.

Григорий йæ мысинæгты радзырдта, гуырдзийаг æфсæддонтæ сæм куыд æгъатыр цæстæй кастысты æмæ куыд фервæзтысты сæ уацарæй, уый.

Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0